Ног азы хæдразмæ Ирыхъæуы бынæттон администарци (Чилæхсаты Алан) зæрдиаг лæвæрттæ скодта хъæуы фæкæсынхъуаг, сидзæр, бирæбинонджын сывæллæттæн – æдæппæтæй 30 хæдзары сабитæн.
Сæ ныййарджытимæ, хиуæттимæ сæ æрбахуыдтой администрацимæ æмæ сын сæ лæвæрттæ Ног азы назбæласы цур радтой хъæуы «Ныхас»-ы сæрдар Хъæцмæзты Юрий, Чилæхсаты Алан, администрацийы кусджытæ Сиукъаты Иринæ æмæ Хъесаты Зарæ.

