Горæтгæрон район дæр сбæрæг кодта Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уый у æппæт Ирыстоны уарзондæр бæрæгбон, нæ мæсыг, æмæ фидарæй фидардæр кæнæд.
Нæ адæм фæлтæрд сты царды зынты. Знæгтæ нæ цагътой, гæбазгай фæйнæрдæм тыдтой зæхх. Иу адæм ныддихтæ сты хæхты цъассыты, комæй-коммæ нæ уыди фæндаг, нал уыд паддзахад, фæлæ нын баззад æнусон фарн - мадæлон æвзаг. Уый нæ уромынц хæхтæ æмæ арæнтæ, уый фæрцы зонæм кæрæдзи, нæ фыдæлты. Арфæйы ирон дзырд нæ скодта цардаразæг адæм.
