Ирон адæм! Уæхи æрæмбарут!
Цард, дам, цæуы æмæ фарн хæссы. Фæрнæйдзаг ут, нæ районы цæрджытæ!
О, цард цæуы, æмæ дзы ис бирæ ивддзинæдтæ. Царды уылæнæн бауромæн ницы хуызы ис. Фæлæ алцы дæр - бæрцæй! Æппæтæй тæссагдæр у, нæ адæмыхатт, мыййаг, куы батайа иннæтты 'хсæн, растдæр зæгъгæйæ та - бынтон куы фесæфа. Хуыцау нæ бахизæд ахæм бæллæхæй!
Раджы заманты, уымæй тæрсгæйæ, нæ фыдæлтæ уыдысты хиуылхæцгæ, æгъдауылхæст, кæрæдзи ныхасæн аргъ кодтой, кæстæрты ахуыр кодтой, алы уавæрты сæхи куыд дарын хъæуы, ууыл.
Цы уынæм абон та? О, рацыдысты чидæртæ митингмæ Хицауады хæдзары цурмæ. Хъæр, аралло, хъаугъа, кæрæдзимæ нæ хъусынц… Бацагуырдтой нæ республикæйы Сæргълæууæджы - рацыди сæм, цæттæ уыди сæ домæнтæм байхъусынмæ, фæндыди йæ семæ аныхас кæнын, цæмæй кæрæдзи бамбарой. Фæлæ йæм хъусæг нæ уыди - адæмы къорды бæлвырд цы хъуыди, уый сæхæдæг дæр не 'мбæрстой сæхи хъæрæй. Æрмæст æмхъæлæсæй хъæр кодтой: "Битарова - в отставку!"
Ирон адæм! Уæхи æрæмбарут! Чи уæ хъæуы Битары-фырты бæсты? Чи уын аивдзæн уæ царды фæтк, æгас Уæрæсейы, æгас зæххы къорийыл чи ныффидар, уыцы царды уаг? Æви уæ бирæтæй ферох, кæддæр нын Мæскуыйæ æрвыст хицау Одинцов цы митæ бакодта, уый? Иу ахæм "Одинцов" та, мыййаг, куы разына æмæ нын нæ ирондзинад бынтон йæ къæхты бын куы ныссæнда! Уымæй нæ тæрсут?
Одинцовы рæстæг фесæфтам нæ цины æмæ марды æгъдæуттæ, ферох нын кæнын кодта нæ мадæлон æвзаг, нæ культурæ æмæ ма бирæ æндæр хæзнатæ. Битары-фырт абон йæ удæй арт цæгъды, цæмæй ирон иронæй баззайа, æмæ йыл мах та бузныджы бæсты цъыф калæм? Уый не 'гъдау у?!
Цæстытæ кæуыл ис, йæ зонд йæ бынаты кæмæн ис, ахæм адæймаг куыд нæ хъуамæ уына, нæ республикæйы хъæутæ æмæ горæтты цы ивддзинæдтæ цæуы рæстырдæм, уыдон. Кæд ма нын уыдис ахæм уавæртæ? Ахæм сæргълæууæг?
Абон Зелимханы фырт зæрдæрисгæйæ архайы, цæмæй ма фæцуда не 'нæниздзинад. Æхсæвæй-бонæй мадзæлттæ агуры дохтыртимæ, мах та йæ нæ къæхты бын ссæндæм. Цæмæн?!
Нæ районы фæсивæд, æнæсæрфат митæ ма кæнут! Хъуыды кæнут уæ сомбоныл. Уæ хистæртæ уæ, афтæ æнхъæл дæн, сæфты фæндагыл нæ ардауынц. Ма худинаг кæнут уæ ныййарджыты дæр æмæ уæхи дæр!
Æниу сылгоймæгтæ, æрыгон чызджытæ! Цавæр æгъдау уын радта бар ахæм æнæуаг, чъизи 'взагæй дзурынæн? Кæнæ уæ цы хъуыддаг уыди нæлгоймæгты æнæхъола æмбырды?
Ирон кæстæр хистæрмæ ма хъуса, уый у мæлæт! Не сæфт æрцыди?!
Æмæ ма иу: Челдыты Вадимæн æрдз балæвар кодта диссаджы хъæлæс - йæ бынат ис стыр аивады. Иу зæрдиаг æрдхорд ын цæуылнæ бауынаффæ кодта, йæ аивадон фæндагыл цæмæй размæ цæуа. Чи зоны уæ искæмæ байхъуыстаид! Нæ, арт тынгдæр фæцырен кодтой Вадимы "хæлæрттæ"!
Цас дзырддзæугæ, цас куырыхон лæгтæ нæм ис, æмæ уыдоны зондæй нæ пайда кæнæм, фæлæ…
Уæдæ, Хуыцау зæгъæд, æмæ ацы тæссаг низæй - сау рынæй мачи фæцудæд! Уымæй та куыд нæ фæтарстыстут?! Уæ хистæртæ, уæ кæстæртæ уæ хæдзæртты куы фæтыхсой, мыййаг.
Абоны рæдыд уын сомбонæн рæстмæ дæнцæг фæуæд, ирæттæ!
Ныййарджытæ, уæ хорзæхæй, фылдæр хъару уæм разынæд уæ цоты раст фæндагыл аразынмæ! Уæ кæстæртæ уæ цæсгом сты!
Æнæниз, æнæфыдбылыз ут иууылдæр!
ДЗЕБОЙТЫ Регинæ.