Ме 'мкоймаг поэт
Сасиаты Исламы поэтикон рæнхъытæ алыхуызон уавæрты равзæрынц. Куы сæ Дæргъæвсгомы дымгæ, æхситтæй заргæ, фæцагайы, куы уæлхох уыгæрдæнты æмбисонды хæрздæфмæ базмæлынц, куы та бæрзонд цъитийы уындæй райхæлынц. Æмæ кæд Ирыстоны кæмтты арфдæры райгуырынц, уæддæр, цыма быдираг адæймаджы хъысмæты æвдисæнтæ дæр сты, афтæ сæ бамбарын.
"Æгъдауджын, хæдæфсарм, уæздан, сабырныхасгæнæг, искæй зынтæй йæхимæ хай исæг, искæй циныл цингæнæг, хистæртæн - лæггадгæнæг, кæстæртæн - зондамонæг - ахæмæй зонынц Дæргъæвсгомы Сасиаты Исламы", - фыста кæддæр поэт Цырыхаты Михал.
Ислам Дæргъæвсгомы цæрджытæн уарзон у. Бирæ азты дæргъы фæкуыста бынæттон администрацийы сæргълæууæгæй. Комбæсты цардыуагмæ зынгæ ивддзинæдтæ бахаста. Фыццаджыдæр батыхстис комы мидæг фæндæгты уавæрыл. Электрон цырæгъты рухс-иу арæх ахуыссыд. Æхсæвæры афон-иу адæм талынджы архайынæй фæлмæцыдысты, æмæ сæ Ислам йæ рæстæджы уыцы тыхстдзинадæй фервæзын кодта. Стæй ма ноджы бирæ ахсджиаг фарстатæ рахаста районы æмæ республикæйы разамонджыты размæ.
Абон кæд комбæсты адæм æппæтæй æххæст цард нæма кæнынц, уæддæр, раздæры рæстæгимæ абаргæйæ, бирæ фæхуыздæр сты сæ уавæртæ. Зæгъæм, сæххæст хохæгты æнусон бæллиц: суджы мæт сæ нал ис, æмæ уый ацы комбæсты цæрджытæн æмбисонды хъуыддаг у. Быдырмæ фæндаг Къæхтысæрыл фæкъæртт. Алыхуызон дуканиты нымæц кæй фæфылдæр, уый къаддæр удæнцой нæу. Сæрыстыр у Ислам, цин кæны уыцы ивддзинæдтыл.
Мæ хъайтар каст фæцис ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет, райста ахуыргæнæджы дæсныйад. Рæстæггай-иу куы кæм акуыста, куы кæм. Фæлæ йæ сæйраг нысан кæдфæнды дæр - хъуыддаджы хуызы Дæргъæвсгомæн исты хæрзты бацæуын: йæ историон цыртдзæвæнты ахадындзинад бæлццон адæмæн æмбарын кæнын, комы царды уд бауадзын. Уæдæ дзы рох нæу сфæлдыстад дæр. Йе 'мдзæвгæтæ мыхуыры рацæуынц газеттæ "Рæстдзинад, "Слово", "Фидиуæджы", журнал "Мах дуг"-ы. Уарзы йæ быдираг æфсымæрты, фæлæ йын йæ цуры мыдыкъус куы сæвæрой, уæддæр æм йæ цæрæн бæстæ раивыны зонд никуы æрцæудзæн. Куыд хъуамæ сива йæ зæрдæ бæрзонд къæдзæхтыл, адæм сын дардæй дæр сæ рæсугъддзинад фенынмæ куы бæллынц, уæд?! Æндæр ран йæхи афтæ уæнгрогæй нæ банкъардзæн, ахæм сыгъдæг уæлдæф не сулæфдзæн.
- Ислам, 22 апрелы дæ 80 азы сæрты ахызтæ. Историйы - цыбыр æмгъуыд, фæлæ адæймагмæ бирæ кæсы, цыма царды фæндæгтыл дзæвгар фæцыд, афтæ æнхъæл вæййы йæхицæн. Адæрддзæф ис æвзонджы дуг. Рæзгæ бонтæ æхсызгондæр мысинæгты хуызы баззадысты. Дæ мадæлон æвзагыл фыццаг дамгъæ куы ныффыстай, уый ма кæцæй хъуыды кæныс, фæлæ дæ фыццаг поэтикон уацмысы рæнхъытæ чи зоны, æрымысай?
- Дæргъæвсы скъолайы 8-æм къласмæ куы цыдтæн, уæд ныффыстон мæ фыццаг æмдзæвгæ - "Фæндæгтæ". Ныртæккæ дзы мæ зæрдыл цыдæртæ æрлæууын кæндзынæн:
Фæндæгтæ, макуы ут æхгæд,
Уæ сæрмæ макуы зилæнт мигътæ!
Фæлтау ут дард æмæ æвæд,
Нæ хæхтæн ахизут сæ тигътæй.
Сæумæйы рог базыртыл уæд,
Цæргæсау, дард бæстæм тæхдзынæн,
Бынтон куы разынат æвæд,
Уæддæр “уæ нывонд уон” зæгъдзынæн.
Æмдзæвгæтæ хуымæтæджы нæ фыссы Ислам. Цæмæй сæ хъуыды аивдæр æмæ æлвæстдæр уа, ууыл архайы. Уæдæ ма йæ комбæстыл зарæг дæр скодта:
Мæ уарзон хъæу Дæргъæвс -
Мæ рагбæллиц, мæ уарзт!
Кæд хæхты 'хсæн дæ æмбæхст,
Уæддæр хъуысы нæ зард.
Ислам Фыдыбæстæйы Стыр хæстæн йе сфæлдыстады бæлвырд бынат радта. Æмæ куыннæ! Дæргъæвсгомы фæсивæд дæр 140 фæдисонæй нал сыздæхтысты тохы быдырæй. Æмæ цардбæллон лæппуты хъæбатырдзинад æнæ равдисгæ дæр куыд ис?!
Æргъиуæй ратахт саубазыр сынттæ.
Сæууон хуры тын æрдæгыл аскъуыд.
Рарвит, Дæргъæвсгом, дæ сæрæн гуырдтæ -
Бæсты сæрвæлтау лæгдзинад бахъуыд!
Диссаджы курдиаты хицау у Ислам. Йе 'мдзæвгæты алы рæнхъ дæр сфæлдыстадон цæхæрæй æххæст рауад, ноджы ма йын хуримæ баст сты, адæмы зæрдæтæ рухсгæнæг. Афтæ уæд дарддæр дæр!
Ислам, де сфæлдыстадон артдзæсты цæхæр макуы бамынæг уæд, афтæмæй ма нын бирæ æмдзæвгæтæ куыд ныффыссай, ахæм хъару дын Тбау Уацилла раттæд!
ДЗУЦЦАТЫ Къоста.