Новости

Уæлахиздзаутæ

Цыппар боны дæргъы Горæтгæрон районы Джызæлы хъæуы цур цыдысты мотоциклетон спорты хуыз "Эндуро"-йæ Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны Кубок æмæ фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ. Уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты кадæн.

мотоциклы2222

Мотоциклетон дугъты архайдтой Мæскуы æмæ Мæскуыйы облæсты, Краснодар æмæ Стъараполы крайты, Цæцæны, Адыгейы, Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ. Иууыл иумæ уыдысты 87 мотоциклетисты. Уыдонæн арфæ ракодтой спорты къабазы бæрнон адæймæгтæ, уыдонимæ – спортивон базæ "Сау къададон"-ы директор Гулуты Олег æмæ Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министрады бæрнон кусæг Бестауты Зауыр.

Ерыстæ цыдысты зынцæуæн фæндæгтыл, æмæ дзы æнæмæнг хъуыди дæсныдзинад.

Ацы спортивон мадзал уагъд цыд 15 къласæй, æмæ дзы Ирыстойнаг мотоциклесттæ бацахстой 11 призон бынаты. Уыдонимæ фыццаг бынаты уыд Архонкæйы спортивон клубæй Артем Щербаев дæр. Алы кълæсты ерыстæ дæр ацыдысты æнтысгæйæ. Командон ерысты та фыццаг бынат бацахста Архонкæйы командæ "Сырх базыртæ".

Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кубоктæ, майдантæ, дипломтæ æмæ фирмæ "Такаяма"-йы номæй зынаргъ лæвæрттæй.

Цæгат Кавказ æмæ Цæгат Ирыстоны мотоспорты федерацитæ бузныг загътой, ерыстæ ацæуынæн сын чи баххуыс кодта, уыдонæн.

ПИСИТЫ Моисей