Бæхты дугъ – Елхоты
"...Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?"
Къоста
Ацы аз 1 апрелы 120 азы сæххæст ирон литературæйы бындурæвæрæг, нæ ныфсы мæсыг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы фæзианыл. Фæлæ рох никуы уыдзæн, кæд уал азы рацыд, уæддæр.
Уый фæдыл Елхоты хъæуы Къубалты фондз æфсымæры номыл уынджы фарсмæ фæзыл уагъд æрцыд бæхты дугъ. Йæ саразджытæ уыдысты æхсæнадон змæлд "Иудзинад", Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты ныхас", Хетæгкаты Къостайы номыл фонд, Цæгат Ирыстоны Ахуырады æмæ зонады министрад, Кировы районы администраци æмæ Хетæгкаты мыггаг.
Дугъы архайджытæн æмæ чи ‘рбацыд, уыдонæн арфæйы ныхæстæ загътой Кировы районы администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазбег, ацы районы ветеранты Советы сæрдар Бедойты Феликс, мыггаджы номæй – Хетæгкаты Мурат.
Дугъмæ бирæ уазджытæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны алы районтæй æмæ горæттæй, Кæсæг-Балхъарæй. Барджытæй дыууæйæ уыдысты чызджытæ.
Ацы бонмæ бацæттæ кодтой концертон программæ дæр æмæ дзы бакастысты Къостайы æмдзæвгæтæ.
Номарæн дугъы фыццаг бынат бацахста Елхоты хъæуы цæрæг Гæбæраты Артур, дыккаг бынатмæ рацыд дигорайаг Толасты Давид.
Æхсæнадон змæлд "Иудзинад" дугъы ‘ппæт архайджытæн радта уæйлаг нымæттæ æмæ фысдзармæй худтæ, уæлахиздзау Гæбæрайы-фыртæн та сæракæй конд бæхифтындзæн дзаумæттæ радта мыггаджы хистæр Хетæгкаты Мурат.
Елхоты районы сæргълæууæг Гуытъиаты Эльбрусы хъæппæрисæй ма уыцы бон Елхоты уыд дыккаг дугъ дæр, ацы хъæуæй Фыдыбæстæй Стыр хæсты чи фæмард, уыдон номыл. Уæлахиздзаутæ систы елхотаг Хуыбылты Æхсар æмæ Кæсæг-Балхъары Плановскы хъæуккаг Артур Конов.
Дыууæ мадзалы дæр амыдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Цæриаты Валери.
Уый фæстæ дугъы архайджытæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ Хетæджы фыртæн йæ ингæныл загътой рухсаг.
Стыр бузныг, Къоста цæуыл сагъæс кодта æмæ фарста "Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?" – уыцы мадзал бацæттæгæнджытæн. Уый мæрдты бæсты Къостайæн æхсызгон у æмæ сыл хæрзмæ аудæд!
ГАССИТЫ Моисей