Новости

Къостайы кадæн

Орден КостаХетæгкаты Леуаны фырт Къоста нæ адæмæн цы хæрзты бацыд, уыдон кæронмæ фыст нæма фесты. Æнæкæрон лæггад бакодта Иры дзыллæйæн, æмæ уый та стыр хъуыдаг у.

Раст фыста Джусойты Нафи: "…Къоста йæ мæлæты фæстæ дæр цæры немæ… Цæры æмæ нын амоны йæ иунæг уды æрвон цæвиттонæй, – куыд хъæуы цæрын, кусын, фæлдисын материалон хæрзиуджытæ дæр… Стæй аивадон æмæ зондзонæн хæрзиуджытæ дæр.

Къоста цæры æмæ цæрдзæн, цалынмæ зæххон дунейыл ирон æвзагыл дзурæг уа, уæдмæ… Къоста цæрдзæн, цалынмæ ма а дунейыл аив дзырд чи уарзы, чи 'мбары æмæ фæлдисынхъом чи у, ахæм иунæг иу адæймаг уа, уæдмæ".

Æрæджы , 1-æм апрелы, 120 азы сæххæст Хетæджы-фырт куы фæзиан, ууыл. Æрымысыдысты та йын йæ рухс ном.

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты Ныхас"-ы Мæздæджы районы Ныхасы сæрдар Гуцаты Фридон бирæ хорз хъуыддæгтæ аразы. Уый фæрцы æртæ азы размæ сырæзт Къостайы орден, æмæ йæ раттынц, нæ национ культурæмæ аккаг æвæрæн чи хæссы, уыдонæн.

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл зонадон-культурон центр (йæ сæрдар, профессор Æлборты Иван) æрæджы Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты цы æмбырд сарæзта, уым Къостайы орденæй ныр та схорзæхджын кодтой цыппар адæймаджы. Уыдон сты: Хуссар Ирыстоны горæт Цхинвалы Абайты Васойы музейы директор Остъаты Мæдинæ, сгуыхт скульптор Дзукъаты Никъала, уæлдæрзагъдгонд институты директор Хъаныхъуаты Зæлинæ æмæ иконæтæ фыссæг Айларты Олланæ.

Сæ хæрзиуджытæ сын цытджын æгъдауæй радтой Æлборты Иван, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы бæрнон кусæг Бигъуылты Людмилæ æмæ æндæртæ.

Хъæлдзæг мадзалмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон арфæтæ ракодтой Къостайы орден райсджытæн.

ГАССИТЫ Моисей