Новости

Рох нæ уыдзæн йæ ном

моисей1961 азы 12 апрелы Юри Гагарин йæ уæлдæфон нау "Восток"-ыл космосмæ куы атахт, уæд уый стыр цау уыд канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ ма дунейы дæр. Уæдæй фæстæмæ бирæ космонавттæ алы бæстæтæй уыдысты арвы тыгъдады, фæлæ фæндаг космосмæ йæ науыл айгæрста Юри Гагарин.

Ацы бæрæгбон нысан кæнынц алы аз дæр уæрæхæй, афтæ у ныр дæр, æмæ цалынмæ адæймагад уа, уæдмæ уыдзæн афтæ.

Советон æмæ уый фæстæ азты дæр космонавтикæйы рæзтмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдонæй иу уыд Горæтгæрон районы Ногиры хъæуккаг Къомайты Владимиры фырт Руслан. Райгуырдис 1947 азы 20 июны. Астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырадтæ райсыны фæстæ космонавтикæйы хъуыддаджы уыдис стыр дæсны. Куыста ССР Цæдисы тæхæг аппаратты космикон конструкторæй, лæвæрд ын æрцыд ССР Цæдисы Паддзахадон преми, уыд Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт машинæтæаразæг, Федералон паддзахадон унитарон куыстуат "Лавочкины номыл "НПО"-йы генералон директоры фыццаг хæдивæг, Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы бындурæвæрæг, директор. Куыста ма æндæр бæрнон бынæтты дæр. Космонавтикæйы дæсныйадмæ арæхст, 1966 азы Ногиры фыццæгæм астæуккаг скъола иттæг хæрзтыл каст куы фæцис, уæд дæр.

Дыццæджы, 7 апрелы, стыр бæрæгбон уыд Ногиры хъæуы. Иуæй, Юри Гагарин космосмæ куы атахт, ууыл сæххæст 65 азы, иннæмæй – хъæуы фыццæгæм скъолайы бахизæны къулыл конд æрцыд Къомайты Русланы мемориалон къæй, æмæ ацы скъолайы 8 "а" къласæн та радтой технологийы сертификат.

Мадзалмæ тынг бирæ адæм æрбацыд: хъæубæстæ, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, Къомайты Русланы æмбæлттæ, мыггаг, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, нæ районы разамынд, æмкъласонтæ, мемориалон фæйнæг саразыны инициатортæ.

Номарæн митинг байгом кодта æмæ йæ амыдта Ногиры хъæуы Хуыгаты Доментийы номыл фыццаг астæуккаг скъолайы директоры хæдивæг Хъороты Ритæ. Ацагътой Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны Гимнтæ. Скъоладзаутæ сæ литературон монтажы дзырдтой космонавтикæйы тыххæй æмдзæвгæтæ, цитатæтæ. Раныхас дзы кодтой Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы скъолайы директор Челдыты Зæлинæ, Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, мемориалон къæй саразыны æмæ байгом кæныны инициативон къорды уæнг Дыгъуызты Алыксандр, Ногиры Ныхасы сæрдар Бæзаты Валодя, мыггаджы номæй - Къомайты Барис æмæ æндæртæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хекъилаты Мирæ акодта иронау Космонавтикæйы боны æмæ Къомайты Русланы тыххæй йæхи рацаразгæ зарæг. Адæм байхъуыстой республикæйы сгуыхт артист Хуриты Валерийы зарæгмæ дæр Къомайы-фырты номыл.

Ацы аз, Космонавтикæйы 65 азы боны цытæн цы къуыри уагъд цæуы, уый ныр суыдзæн æрвылазон Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указæй. Уый цытæн рауагътой юбилейон майдан. Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы скъолайы директор Челдыты Зæлинæ уыцы хæрзиуæгæй схорзæхджын кодта Къомайты Русланы мемориалон къæй саразæг, скульптор Цхуырбаты Оледжы æмæ адæмон артисткæ Хекъилаты Мирæйы.

Адæм бузныг загътой, Къомайты Русланæн Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы скъола саразынæн стыр æххуыс чи бакодта, уымæн – нæ республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславæн.

Къомайы-фыртæн цæмæй ацы скъолайы къулыл мемориалон къæй бакæнынæн бар лæвæрд æрцыдаид, уый тыххæй Горæтгæрон районы Минæвæртты æмбырды депутатты уынаффæ скъолайæн радта Дзанæгаты Гуля.

Уый фæстæ мемориалон къæй байгом кодтой Челдыты Зæлинæ, Къомайты мыггаджы минæвæрттæ æмæ скъолайы космоквизы минæвар, 8-æм къласы ахуырдзау Дзугаты Алихан. Къомайты Русланы мемориалон къæйы цур сæвæрдтой дидинджытæ.

Мадзалы уыд Къомайыфырты цард, куыст æмæ хæрзиуджыты тыххæй равдыст.

Номарæн митинджы уыд Ногиры хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Сланты Юри.

ГАССИТЫ Моисей