Новости

Кады аккаг

946d8190 97a7 4b7f 813d a858fe446559

80 азы сæххæст зынгæ ирон сылгоймаг-фыссæг, Хетæгкаты Къостайы æмæ Джусойты Нафийы номыл литературон премиты лауреат Чехойты Оляйыл. Уый мыхуыры рауагъта æртындæс чиныджы. Поэт йе сфæлдыстады æппæтвæрсыгæй аргъ кæны цардæн, йæ поэзи у хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй фыст.

Оляйы гуырæн бон уæрæхæй банысан кодтой Ирыстоны дыууæ хайы дæр. 10-æм мартъийы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уыд йæ юбилейон изæр. Æрбацыдысты йæм фысджытæ, лектортæ, журналисттæ, студенттæ, интеллигенцийы иннæ минæвæрттæ, уазджытæ Уæрæсейæ, æндæр бирæ адæм, делегаци Цæгат Ирыстонæй Парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразы сæргълæудæй. Ам уыдысты республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан, депутаттæ, хицауады уæнгтæ.

Æрбацæуæг адæм бакастысты Чехойты Оляйы цардвæндаджы тыххæй документалон кинонывмæ.

Юбилейон мадзал амыдтой режиссер Дзуццаты Тамерлан æмæ актрисæ Саппиаты Зæлинæ.

Зынгæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй афæлгæст сарæзта драматург, прозаик, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, журнал "Фидиуæг"-ы бæрнон секретарь Остъаты Алан.

Уый фæстæ Оляйæн арфæйы ныхæстæ загъта Президент Гаглойты Алан æмæ йæ схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй. Тускъаты Таймураз та йын арфæты фæстæ радта Парламенты Кады грамотæ. Ахæм хæрзиуæг ма райста Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Аланæй. Лæвæрд ма йын æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном.

764b5c6b dcb5 408d 8a5f 86f9ce9b42eaДарддæр зынгæ поэтессæйæн хорз фæндиæгтæ загътой Цæгат Ирыстоны аивадон журнал "Мах дуг"-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, Хуссар Ирыстоны журнал "Фидиуæг"-ы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли, Горæтгæрон районы Комгæроны хъæуы Ныхасы сæрдар Болататы Тенгиз, зынгæ хъæбысæйхæцæг, олимпиаг хъæзтыты чемпион Фадзайты Арсен, Горæтгæрон районы газет "Фидиуæг"-ы сæйраг редакторы хæдивæг Гасситы Моисей, фыссæг Наниты Асиат, Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Джелыты Хъазбег, поэт Зассеты Мераб, "Аланты Ныхас"-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар Тыбылты Леонид, зынгæ зарæггæнæг Джиоты Вероникæ, журналист Джиоты Оксанæ, йæхи фырт, зындгонд хъæбысæйхæцæг æмæ тренер Тедеты Дзамболат, мыггаджы номæй – Чехойты Алыксандр.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы Арфæйы фыстæг Оляйæн радта администрацийы бæрнон кусæг Бигъуылаты Людмилæ.

Уый фæстæ Чехойты Оля арфæ ракодта æппæт æрцæуæг адæмæн, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны аивадон коллективтæ та сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой се сфæлдыстадæй.

Цæр нын ноджыдæр фæрнæй æмæ амондджынæй, нæхи Оля! Райзæрдæ у!

ГАССИТЫ Моисей