Новости

Уыдзæн ног скъола

Чермен

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин ивддзинæдтæ бахаста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон райрæзты мадзæлтты номхыгъдмæ. Уыцы уынаффæйæ кæцыдæр проекттæ æххæст кæныны ‘мгъуыд адарддæр кодтой 2028 азмæ.

Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны бавналдзысты ноджыдæр ма дыууæ ног скъолайы арæзтадмæ. Уыдонæй иу у Горæтгæрон районы Черменыхъæуы Лев Толстойы номыл уынджы скъолайы арæзтад. Куы сцæттæ уа, уæд дзы уыдзæн 200 ахуырадон бынаты, йæ фæзуат – 5 мин квадратон метры. Ацы проекты нормативон домæнты бындурыл иу къласы хъуамæ уа 25 ахуырдзауы онг. Скъола хъуамæ сцæттæ уа 2028 азы. Арæзтады подрядонтæ равзарыны фæдыл конкурсон мадзæлттæ баххæст кодта регионы Капиталон арæзтады управлени.

ГАССИТЫ Моисей