Рауагъдонты лæвæрттæ

Ног азы бирæ арфæтæ фæкодтам нæ бинонтæн, хиуæттæн, сыхбæстæн, зонгæ адæмæн æмæ сыл хъæлдзæг, цины бонтæ цæуæд. Цы хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæй хайджын уæнт!
Бæрæгбон лæвæрттæй дæр фидауы. Афтæ ахъуыды кодтой Горæтгæрон районы Ирыхъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы раздæры рауагъдонтæ Дзæгъиаты Сæрмæт, Болататы Тенгиз, Иосиф Кейнишвили æмæ Гæджиты Хъазбег. Уыдон ногазон бæрæгбоны хæдразмæ скъоламæ баластой 73 алыхуызон лæвары, æмæ сæ уый тыххæй бузныгæй баззадысты ахуыргæнæндоны разамынд, ахуыргæнджытæ, кæмæн сæ байуæрстой, уыцы скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ.
Уый хорз æрхъуыды у, æмæ ацы лæппутыл сæ ног азтæ дзæбæхæй, зæрдæхъæлдзæгæй цæуæнт! Бузныг сын.
ХЪÆЦМÆЗТЫ Юри,
Ирыхъæуы астæуккаг скъолайы
хæдзарадон хайы гæс,
авторы ист къам