Новости

Æнæмæлгæ Къоста

хадизаЗнон, 15 октябры, Хетæгкаты Къостайы райгуырды 166 азы цытæн конд æрцыдысты бирæ мысæн мадзæлттæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ уымæй æдтейæ дæр. Уыдонимæ нæхи Горæтгæрон районы дæр.

Азтæ сæ цыды хай куыд кæной, афтæ ноджы уæлдæр уыдзæн йæ кад, йæ ном, йæ фарн. Уый уыд æфхæрд адæмы сæрыл тохгæнæг, рæстдзинадмæ сидæг æмæ ахæмæй цæры нæ зæрдæты рæбын.

Газет "Фидиуæг" редакцийы кæрты Къостайæн цы бюст æвæрд ис, уый цурмæ æрбацыдысты Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Пухаты Вячеслав, Культурæйы галуаны кусджытæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтæ, скъолаты ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ, номдзыд фыссæгæн æмæ йе 'сфæлдыстадон аргъгæнджытæ. Къостайы бюстыл сæвæрдтой дидинджытæ.

Мадзал амыдта Культурæйы галуаны методист Медойты Аслан. Уый радзырдта ирон литературæйы бындурæвæрæджы цард æмæ архайды тыххæй, æрхаста цæвиттонтæ.

IMG 7003Уый фæстæ ацы галуаны клуб "Малусæг"-ы архайджытæ Уæлыгæсты Тамарæйы разамындæй равдыстой инсценировкæ Къостайы "Цъиу æмæ сывæллæттæ"-йæ.

Галуаны иннæ клуб "Аив дзырд"-ы архайджытæ Саутæты Дзерассæйы къухдариуæгадæй бакастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ.

Мадзалы архайдтой Камбилеевкæйы хъæуы фыццæгæм иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы 6 "д" къласы ахуырдзаутæ (сæ къласгæс – Фидараты Зинаидæ). Уыдон се 'ппæт дæр радзырдтой нæргæ поэты фыст æмдзæвгæтæ, стæй Медойты Аслан æмæ Гæджиты Мурат дæр.

 – Махæн Къоста у Ирыстоны хъæбул, нæ кад æмæ намыс, æмæ канд йæ гуырæн боны нæ, фæлæ йæ хъуамæ мысæм алы бон дæр, аргъ ын кæнæм, цæмæй нæ адæмы цæсты ноджы кадджындæр уа. Уый у нæ комкоммæ хæс. Кæуылты нын у йæ фæдзæхст: "Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!" Æмæ йæ ацы амынд ма хъуамæ рох кæнæм, – зæгъы Культурæйы галуаны директор Мæхъиты Хадизæт.

Иу ахæм мадзал ма конд æрцыд Камбилеевкæйы хъæуы фыццæгæм астæуккаг скъолайы дæр. Бацæттæ йæ кодтой нæ райадминистрацийы Ахуырады управлени æмæ уæлдæрзагъдгонд ахуырадон уагдон.

Мадзал тынг цымыдисон уыд, æмæ дзы йæ архайджытæ дæр райгондæй уымæн баззадысты. Уыдысты дзы районы скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ, æндæр адæм. Амыдтой йæ ахуырдзаутæ Икъаты Илонæ æмæ Тыбылаты Арсен. Уыдон лæмбынæг æрдзырдтой сæ литературон-музыкалон монтажы стыр фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл.

WhatsApp Image 2025 10 14 at 14.43.37 1Уыдис дзы инсценировкæтæ Къостайы уацмыстæй, кæстæр кары скъоладзаутæ кастысты Хетæджы-фырты фыст æмдзæвгæтæ, фыссæг цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй ист фарстатæн лæвæрдтой раст æмæ бæлвырд дзуаппытæ. Къостайы "Додой" аив азарыд ахуыргæнинаг Слонаты Ацæмæз.

Сценæйыл сæ арæхстдзинад равдыстой скъоладзаутæ Гаглойты Данеллæ, Коцты Лизæ, Горæтгæрон районы Культурæйы галуаны зарæггæнджытæ æмæ фæндырцæгъдджытæ Хъуысаты Эльвирæ, Джихаты Роман, Кæркуысты Ларисæ, Коцты Аленæ, Бететы Вадим, Гæджиты Мурат æмæ æндæртæ. Тынг аив уыдысты скъоладзауты кæфтытæ дæр, уæлдай цымыдисондæр уыд инсценировкæ "Сидзæргæс".

14.43.38Раныхасгæнджытæ – Сунжæйы скъолайы директор Хуыгаты Æхсар, райадминистрацийы ахуырады управленийы методист Сугъарты Еленæ æмæ æндæртæ – дзырдтой Къостайы æнæмæлгæ цард æмæ курдиатыл, йе стыр 'сфæлдыстадыл, лæгдзинад æмæ æхсардзинадыл, ирон æгъдау æмæ æфсармыл, нæ культурæ æмæ аивадыл. Бузныг загътой скъолайы директор Куыдзеты Зæлинæйæн, йæ хæдивæг хъомыладон куысты фæдыл Плиты Азæйæн, ахæм хорз, зæрдæмæдзæугæ мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй.

Ам фенæн уыд Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст видеоравдыст.

Цæр æнус-æнусты нæ ныфсыты-ныфс, нæ хурты-хур Леуаны фырт Къоста!

ГАССИТЫ Моисей