Новости

Сæхи фæрæзтæй

IMG 0845
Нæ районы Ирыхъæуы Советон уынджы цæрджытæ bвгъуыд азы сфæнд кодтой сæхицæн канализаци саразын, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Уыцы хорз хъуыддаг бафæзмыдтой сæ сыхæгтæ – Ватутины уынджы цæрджытæ. Уыдон дæр æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæй, сбарстой æппæт дæр æмæ ныр аразынц сæ уынджы канализаци, йæ дæргъ у 700 метры. Ам зæхкъахæн куыстытæ йæ эксковаторыл кæны Æлборты Тамаз.
Ватутины уынджы 20 хæдзары цæрджытæ. Уæ хъуыддаг рæстмæ!
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.