Новости

Æфснайынц

IMG 0828
Нæ районы Октябрыхъæуы бынæттон алминистраци (Уалыты Руслан) æрвылаз дæр цалдæр хатты саразы зиу - сыгъдæгдзинады бонтæ. Афтæ та уыдзæн ацы аз дæр.

Октябрыхъæуæй Сунжæмæ цæуæг уæллаг трассæйæ Мичурины номыл дыргъдон-цæхæрадонмæ цы фæндаг ис, уый алыфæрсты æдзæсгом адæймæгтæ машинæдзагтæй акалдтой бырæттæ, æмæ администраци кусы уыдон æфснайыныл. Йæхимæ хъæугæ автотраспорт нæй, æмæ бахатыд Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «РАТАН»-ы разамонæг Козаты Гаспармæ, нæ районы коммуналон хæдзарадмæ (Гугкаты Дмитрий), цæмæй сын техникæйæ баххуыс кодтаиккой, æмæ уыдон нæ базивæг кодтой.
Ныр цалдæр боны дæргъы ацы бынатæй ласынц бырæттæ æмæ алыхуызон згъæлæнтæ. «РАТАН»-ы экскаваторыл кусæг Артур Головахин, «КАМАЗ»-ы шофыр Багаты Таймураз, коммуналон хæдзарады камазисттæ Саулохты Æхсар æмæ Засеты Валерий кусынц æнæзивæгæй, боны дæргъы скæнынц цалдæргай рейстæ.
- Мах дарддæр дæр кусдзыстæм хъæуы  сыгъдæгдзинад æмæ санитарон уавæрыл, араздзыстæм зиуы бонтæ æмæ ма бахсæддзыстæм бæлæсты уæлдай къалиутæ дæр, - зæгъынц мын Уалыты Руслан æмæ хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг сæйраг специалист Джеграты Алан.
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.