Горæтгæрон районы хуыздæр бæгæныфыцæг
Горæтгæрон районы Джызæлы хъæуы æнтыстджынæй ацыд ирон бæгæныйы VIII æхсæнадæмон фестиваль-конкурс "Ирон бæгæны – 2025"-ы фыццаг къæпхæн. Ирон бæгæныйы традицитæн нывонд мадзал уагъд цæуы куыстуæтты къорд "Пивоваренный Дом "Бавария"-йы генералон спонсордзинады фæрцы.
"Ирон бæгæны" у, хъæздыг 15-азон истори кæмæн ис, ахæм фестиваль. Йæ уæвынады азты дæргъы ахызт Цæгат Ирыстоны арæнты сæрты æмæ райста дунеон масштаб. Ирон бæгæны фыцыны ерыстæ цыдысты Хуссар Ирыстоны, Хъæрæсе-Черкесы, Мæскуыйы, Самарæйы, Турчы, Бельгийы, Францы æмæ æндæр бæстæты.
Куыд иннæ азты, афтæ ныр дæр фестиваль цæуы дыууæ къæпхæнæй. Ныртæккæ æппæт республикæйы цæуынц æрдæгфиналтæ.
Горæтгæрон районы хуыздæр бæгæныфыцæджы номыл тох кодтой авд курдиатджын æрмдæсныйы алы хъæутæй. Уыдон сты: Хъæрджынты Тамарæ (Михайловскы хъæу), Къæбысты Мери (Донгæрон), Жажиты Ариаднæ (Сунжæйы хъæу), Джиоты Альбинæ (Куырттаты хъæу), Тедеты Валентинæ (Октябрыхъæу), Туаты Заретæ (Комгæрон), Къæбулты Нэля (Джызæл). Бæгæны фыцыны арæхстдзинад равдисынæй уæлдай ма хайадисджытæ равдыстой хъæздыг æвæрд фынгтæ национ хæринæгтимæ, æцæг ирон бæрæгбоны атмосферæ саразгæйæ.
Архайджыты арæхстдзинадæн аргъ кодта компетентон жюри. Уыцы къордмæ хуынд æрцыдысты: Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады культурон æмæ массон мадзæлтты дирекцийы директор Скаты Марат; проекты автор, АСРХ-йы адæмон сфæлдыстады хайады сæргълæууæг, Цæгат Ирыстон–Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Битарты Ларисæ; “Бавария”-йы компаниты къорды минæвар Кудзойты Юрии; Джызæлы хъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пагæты Аланæйы.
Битарты Ларисæ уазджытæн æмæ мадзалы архайæг адæмæн радзырдта ирон, бæгæныйы хъæздыг истори, ирон культæрæйы цы ахсджиаг бынат ахсы, уый тыххæй. Йæ фарн æмæ кад фæлтæрæй-фæлтæрмæ рох кæнæн кæй нæй, уый, æмæ ма ирон бæгæныйы фыцыны сусæгдзинæдты тыххæй. Уымæй уæлдай ма бахаххкодта фестивалы историон нысаниуæг.
Цалынмæ жюрийы уæнгтæ сæ сæйраг куыст кодтой æмæ, æппæт домæнтæн дзуапп чи лæвæртта, уыцы бæгæны æвзæрстой, уæдмæ æрцæуæг адæмæн районы культурæйы артдзæстыты артисттæ лæвар кодтой сæ хуыздæр кафты æмæ зарды номыртæ.

Æндыгъд тохы фæстиуæгæн жюри хуыздæрыл банымадта Михайловскы хъæуы цæрæг Хъæрджынты Тамарæйы бæгæны. Дыккаг бынат бацахста Сунжæйы хъæуæй Жажиты Ариаднæ, æртыккаг бынат та лæвæрд æрцыд Куырттаты хъæуæй Джиоты Альбинæйæн. Æппæт хайадисджытæ дæр райстой зæрдылдарæн гæххæттытæ æмæ лæвæрттæ фестивалы генералон спонсорæй.
Уæлахиздзаутæн та лæвæрд æрцыдысты æхцайы премитæ æмæ традицион нывæфтыд хъæдын бæгæныйы къустæ (уацамонгæ).
Ацы аз "Ирон бæгæны – 2025"-йы финал ацæудзæн Альпинæйы 26 сентябры æмæ зæрдæ æвæры, ирд цау – стыр мадзал кæй уыдзæн, уымæй. Архайдзысты дзы бæгæныфыцджытæ канд Цæгат Ирыстоны районтæй нæ, фæлæ ма Америкæйæ, Италийæ, Бельгийæ, Ирландийæ, Голландийæ, Туркæй æмæ æндæр бæстæтæй. Ам Хъæрджынты Тамарæ æвдисдзæн æмæ хъахъхъæндзæн Горæтгæрон районы кад, дунейы хуыздæр бæгæныфыцджытимæ ерыс кæнгæйæ.
Нæ зæрдæ йын зæгъы хорз амонд ацы хъуыддаджы!
ГУСАТЫ Маринæ