Новости

"Мах алыхуызæттæ, фæлæ иу стæм"

24Уæрæсейы бирæ адæмыхæттытæ цæры, дзурынц алыхуызон æвзæгтæ æмæ диалекттыл. Мадæлон æвзаджы Дунеон бон дæр уый тыххæй арæзт æрцæуы. Уымæ аккаг бавæрæн бахæссы нæ республикæйы патриотон клуб "Райгуырæн бæстæ" дæр. Фæархайы бæрæгбонон мадзæлтты.

Ныр 8 сентябрь нымад цæудзæн Уæрæсейы адæмты æвзæгты боныл 2025 азæй фæстæмæ, ома йæ ныр сарæзтой фыццаг хатт.

Патриотты клуб "Фыдыбæстæ" бæрæгбонмæ бацæттæ кодта конкурс "Мах алыхуызæттæ, фæлæ иу стæм". Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ. Конд æрцыд цыд авайраг стыр фыссæг Расул Гамзатовы номыл.

Сывæллæттæ кастысты Уæрæсейы алы адæмыхæттыты æвзæгтыл æмдзæвгæтæ. Уæлахиздзаутыл кæй банымадтой, уыдоны 'хсæн сты Горæтгæрон районы скъолаты ахуырдзаутæ дæр. Ахæмтæ сты Архонкæйы станицæйы дыккæгæм скъолайы ахуырдзау Валерия Жукова, Тарскæйы фыццæгæм æмæ дыккæгæм астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ Бедойты Алинæ æмæ Мединæ Евкурова, Октябрыхъæуы дыккæгæм астæуккаг скъолайæ – арабаг Ел Жамал Зауыр, башкираг Давид Султанмуратов æмæ Коцты Аленæ.

– Ацы азæй фæстæмæ нæ бæстæйы фæзынд ног иумæйаг бæрæгбон – Уæрæсейы адæмты æвзæгты Бон. Сæрмагондæй ацы бæрæгбонмæ сарæзтам кæсджыты конкурс. Архайдтой дзы Горæтгæрон районы ахуырдзаутæ, уыдысты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, кæцытæй æхсæзæй бацахстой фыццаг бынæттæ. Уыдон уыдысты Октябрыхъæуы, Архонкæ æмæ Тарскæйы хъæуы скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Нæ республикæйы районты 'хсæн равдыстой æппæты хуыздæр фæстиуæг.

Æхсызгон лæвар сси æрбацæуæг адæмæн ирон лæппу Хестанты Зауыр æмæ мæхъæлон чызг Мединæ Евкуровайы хæлардзинады кафт.

Горæтгæрон районы скъоладзауты радон архайд ацы ерысты ацыд районы сæргълæууæг Гаглойты Аланы фæрцы. Уый кæддæриддæр разæнгард æххуыс кæны ацы хъуыддаджы рæзгæ фæлтæрæн, – зæгъы нын конкурсы организатор – патриотон клуб "Фыдыбæстæ"-йы сæргълæууæг Хъарданты Тимур.

Конкурсантты схорзæхджын кодтой дипломтæй, радтой сын лæвæрттæ. Раарфæ сын кодта Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты Ныхас"-ы сæрдар Фриаты Хъазбег.

Арфæ сын кæнæм, ноджы дæр сын уæнт антыстдзинæдтæ!

ГАССИТЫ Моисей