Новости

Æвзыгъд сабитæ

IMG 0803
Сабитæ сæ царды райдианы уæлдай ахсджиаг сты бинонты хъæрмуддзинад æмæ уарзондзинадæн, аудындзинад æмæ æнгомдзинадæн. Сывæллон у нæ ныфс, нæ хуры тын.

Бирæ ис нæ районы дæр сабитæ, сæ фылдæр цæуынц рæвдауæндæттæ æмæ райдайæн кълæстæм. Рæвдауæндæттæ та Горæтгæрон районы фылдæрæй-фылдæр кæнынц, кæд фаг нæма сты, уæддæр.
Хорз æнтыстытæ ис Архонкæйы станицæйы 18-æм рæвдауæндонæн. Ам хъомылгæнджытæн æнгом бастдзинæдтæ ис сабитимæ, бирæ хорз хъуыддæгтыл сæ ахуыр кæнынц. Арæх фæархайынц районы алыхуызон мадзæлтты. Афтæ уыд æрæджы дæр, нæ районы культурæйы Галуан Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 73 азы бон цытджын æгъдауæй куы бæрæг кодта, уæд. Архонкæйаг сабитæ дзы алыхуызон уæлæдарæсы рарвыстой бирæ номыртæ (къамы) æмæ адæмы зæрдæмæ фæцыдысты, кодтой сын къухæмдзæгъд.
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.