Хъæбатыры номыл

Уыдис Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Хицауады æмбырд Дзанайты Барисы сæргълæудæй. Йæ архайджытæ æмхъæлæсæй сразы сты Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты ном гимнази "Диалог"-æн раттыныл.
Æмбырды куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы уынаффæ ахъаз уыдзæн историон номарæн бахъахъхъæнынæн æмæ фæсивæды патриотон хъомылад фидардæр кæнынæн.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Курскы областы дæр сараздзысты кадетон училище Тыбылаты Мараты номыл. Уымæн цытджын æгъдауæй бындур æвæрд æрцыд ацы аз июлы мæйы кæрон. Кадетон ахуыргæнæндоны иумæйаг фæзуат уыдзæн 60 мин квадратон метры, 350 ахуыргæнинаджы фаг.
Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты ном хæссы, Дæллаг Санибайы цы уынджы цардис, уый.
Ирон сæрæнгуырд, йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард 2025 азы мартъийы мæйы. Хорзæхгонд уыд бирæ хæрзиуджытæй.
ГАССИТЫ Моисей