• Главная
  • «Ирон æвзаг - мæ зынджы хай, мæ арт»

Новости

«Ирон æвзаг - мæ зынджы хай, мæ арт»

IMG 0819
Ирыстоны дыууæ хайы уæрæхæй сбæрæг кодтой Ирон æвзаджы бон. Арæзт æрцыд бирæ мадзæлттæ.

Иу ахæм мадзал уыд нæ районы централон библиотекæйы дæр, Октябрыхъæуы. Бацæттæ йæ кодта библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Гæбæраты Валентинæ. Йæ архайджытæ та уыдысты Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы 8-м æмæ 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ, Камбилеевкæйы хъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Бестауты Светланæ, Æлборты Дзерассæ æмæ Фидараты Зинаидæйы разамындæй.
Бæрæгбоны мадзал амыдта Гæбæраты Валентинæ. Уый лæмбынæг радзырдта ирон æвзаджы равзæрд æмæ йæ абоны уавæры тыххæй, банысан кодта, уарзын, аргъ кæнын ын кæй хъæуы, уый.
Ахуыргæнинæгтæ кастысты ирон æвзаджы номыл æмдзæвгæтæ, цитатæтæ ирон фысджыты уацмыстæй, зарыдысты, кафыдысты, рæвдыстой юмористон æмæ сатирикон чысыл сценкæтæ.
Мадзал цымыдисагдæр уымæй уыд, æмæ йæ архайджытæ кæй дзырдтой мадæлон æвзаджы историйыл, сарæзтой Шегрен, Миллер, Дюмезиль, Абайты Васо æмæ иннæ ахуыргæндты иртасæн куыстытыл афæлгæст. Хетæгкаты Къоста, Колыты Аксо, Нафи, Гæдиаты Секъа æмæ Цомахъ, Джыккайты Шамил æмæ æндæр фысджыты ирон сфæлдыстады тыххæй лæмбынæгæй ныхас цыд бæрæгбоны.
Раныхас кодтой ахуыргæнджытæ дæр. Уый фæстæ библиотекæйы хайады сæргълæууæг Джусойты Еленæ мадзалы архайæг скъоладзауты æмæ сæ ахуыргæнджыты схорзæхджын кодта Кады  грамотæтæй.
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къамтæ.