Фарн æмæ амонд ратт!
Æндæрæбон, сусæны мæйы 13-æм боны, Ирыстоны цæрæг дзыллæ кад æмæ радимæ банысан кодта нæ уаздæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы, Тымбыл хъæды дзуары бон.
Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр бирæ адæм æрбацыд Хетæджы къохы кувæндонмæ, уыдоны нымæцы Горæтгæрон районæй дæр. Уыдысты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ. Сæ кувинæгтæй сæхи, сæ бинонты, кæстæрты, бæлццæтты бафæдзæхстой Хетæджы Уастырджийыл. Ракуывдтой, цæмæй нæ хæстонтæ тагъд æрыздæхой тохы быдырæй сæ фæрныг къонатæм уæлахизимæ.
Бирæ адæм æрцыд Хуссар Ирыстонæй дæр, стæй æндæр рæттæй. Адæмæн бæрæгбоны арфæтæ ракодтой кувæг лæгтæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, æндæр бæрнон адæймæгтæ.
Хетæджы Уастырджийы бон хъæлдзæгæй сбæрæг кодтой Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты дæр. Уыдис дзы сыхгуывдтæ, хъæугуывдтæ. Адæм дзуарæй куырдтой сабырдзинад, амонд, æнæниздзинад, фарн.
Сæ къухты бафтæд!
ГАССИТЫ Моисей