Новости

Фондз хатты чемпион

Тотров

Цæгат Ирыстоны Сырх Дигорайы спортивон скъолайы залы уагъд цыд II Æхсæнрегионалон турнир грекъаг-римаг хъæбысхæстæй республикæйы Парлменты призтыл. Архайдтой дзы, 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æрыгæттæ. Уагъд цыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 80 азы Уæлахизы цытæн.

Турниры архайдтой 100 æвзонг спортсмены Кæсæг-Балхъары Республикæйæ æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй, стæй Дзæуджыхъæуæй.

Турнир байгом кæныны архайдтой республикæйы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, Æрæфы районы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Махъоты Сослан, æндæр разамонджытæ æмæ бæрнон адæймæгтæ.

Арфæйы ныхæстæ сын загътой Тускъаты Таймураз æмæ Махъоты Сослан. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг уыд грекъагримаг хъæбысхæстæй спорты мастер Золойты Тигран.

Ацы турнир радон хатт фенын кодта Цæгат Ирыстоны грекъаг-римаг хъæбысхæсты бæрзонд æмвæзад æмæ размæцыд, стæй фæсивæды 'хсæн тынг популярон кæй у, уый.

Егъау турниры уæлахиздзау ссис Горæтгæрон районы Комгæроны иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Тотраты Азæмæт. Уый хæцыд 51 кг уæзы æмæ бацахста фыццаг бынат. Хæцыд Дзæуджыхъæуы Андиаты Сосланы номыл хъæбысхæсты скъолайы номæй. Йæ тренер Хуыгаты Эльбрусы фидарæй уырныдта, Азæмæт кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый, æмæ афтæ рауад.

Тотрайы-фыртæн радтой кубок, майдан, грамотæ æмæ номарæн лæвар.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Азæмæт ныр у фондз хатты чемпион хъæбысхæсты турнирты æмæ ерысты, уымæй дæр цыбыр рæстæгмæ. Уый тыххæй цалдæр хатты фыста нæ газет дæр. Дарддæр дæр ын уæд æнтыстдзинæдтæ!

ГАССИТЫ Моисей