Новости

Хъæлдзæгæй, райгондæй

лагерь1

Горæтгæрон районы скъолаты ныр дæс бонæй фылдæр кусынц сæрдыгон фæлладуадзæн лагерьтæ

Иу ахæм ис Ирыхъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы, æмæ дзы фыццаг рады сæ фæллад суагътой 30 скъоладзауы, сæ фылдæр – бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонты кæстæртæ.

Лагерь "Планета детства" йæ куыст райдайы райсомæй æмæ фæвæййы сихорыл. Ахуыргæнинæгтæ ам бон хæрынц дыууæ хатты – аходæн æмæ сихор. Улæфынæн, сæ фæллад уадзынæн сын ис алы уавæртæ.

Сæргълæууæг дзы у Засеты Иннæ, медицинон хо – Тотраты Дианæ, музыкæ амоны Альбинæ Колосова, физикон культурæ та Куыдзеты Давид.

лагерь3Лагеры улæфджыты хъомылгæнджытæ сты скъолайы ахуыргæнджытæ иууылдæр, кусынц радгай – алы бон дæр æртæ ахуыргæнæджы.

Улæфджытæн хæрзхъæд хæринæгтæ аразынц Брциты Иннæ æмæ Пæрæстаты Екатеринæ.

Ацы лагеры фыццаг рады ацыдысты алыхуызон мадзæлттæ – хиирхæфсæнтæ, музыкæйы бон, Пушкины бон, ерыстæ, экскурси, конкурстæ æмæ æндæртæ. Уазæгуаты сæм уыдысты нæ районы Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары методист Цхуырбаты Зарæ, æвзонг натуралистты станцæйы кусджытæ Уалыты Ритæ, Кокойты Эльвирæ æмæ улæфджытимæ бакодтой ахадгæ куыст.

Скъолайы директор Кънатты Азæ мын куыд радзырдта, афтæмæй лагеры фыццаг рад фæцис, ныр та райдыдта дыккаг. Куыддæр лагеры дыккаг рад фæуа, афтæ 2 июлы æрæвналдзысты скъола ног ахуыры азмæ цалцæг кæнынмæ. Уымæ ныридæгæн сты цæттæ.

ГАССИТЫ Моисей