Новости

Адæмимæ иумæ

IMG 0583
- Уæллаг Санибайы хъæуы бынæттон администраци 2017 азы йæ куысты сæйрагдæр хъусдард здæхта ахæм фарстатæм: бюджет æххæст кæнын, хъæуы территорийы хæрзарæзтад, инфраструктурæйы размæцыд, цæрджыты цардуагон архайд ифтонг кæнын, раздæры сходты адæм цы фарстатæ æвæрдтой, уыдон æххæст кæнын,- афтæ райдыдта йæ раныхас хъæуы сходы администрацийы сæргълæууæг Дзебысаты Хъазыбег.

Хыгъддæттæг æмæ раныхасгæнджытæ - Плиты Дудар, Гуыдиаты Лаврент, Царахаты Виталий, Гуырцъыты Хæмæт, Платы Жаннæ, Дзебысаты Толик, Къусраты Нанули, Туаты Роман, Гадзацæты Игорь, Илурты Æхсар,  нæ районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар, райгазы хайады хицау Багаты Таймураз æмæ æндæртæ бирæ ахсджиаг фарстатыл дзырдтой, лыггæнинаг проблемæтыл. Уыцы проблемæтæ та сты: хъæуы нæй посты хайад, æмæ адæм доны, электон рухсы æмæ æрдзон газы æргътæ фидынмæ цæуынц Дæллаг Саниба æмæ Джызæлы хъæутæм: Фæскомцæдисон уынджы æрдзон газ нæй, æхсæвыгон дзы электрон рухсытæ нæ судзынц; ихуард цы зиæнттæ ракодта, уыдоны тыххæй адæм æхца нæ райстой, хъæуы сæрмæ цы тренажертæ сæвæрдтой, уыдоны цур æхсæвыгæтты чидæртæ сæ рæстæг æрвитгæйæ тынг фæхъæлæба кæнынц; хицæн адæймæгтæ сæрвæттæ, хъæдмæ фæндæгтæ сæхгæдтой æмæ фосæн ацæуæнтæ нæй; цалдæр бынаты уынгæй-уынгмæ саразын хъæуы цæхгæрмæ къахвæндæгтæ; рынчынты ласынц Октябрыхъæу æмæ Архонкæйы рынчындæттæм - сæ амбулаторийы æмбæлгæ уавæртæ нæй рынчынтæн; хъæуы цæрджытæн бирæ хæттыты нуазыны дон нæ фаг кæны, ног цæрæн бынæттæм та нуазыны дон нæ хæццæ кæнынц, Гуыбайы-фырты номыл сæйраг уанджы фæндагыл автомашинæтæ фæцæуынц тынг цырынæй; фæсивæдæн зæххытæ лæвæрд нæ цæуы; хъæуы дæллаг фарсы чидæртæ æхсæвыгон арæх гæрæхтæ кæнынц хæцæнгæрзтæй æмæ адæмы фынæй кæнын нæ уадзынц. Бахастой фæндон, цæмæй хъæуы скъолайæн радтой зынгæ ахуыргонд, социолог, профессор, сæ хъæуккаг Дзуццаты Хасаны ном.
Хъæуы цæры 1844 адæймаджы, уыдонæй пенсиисджытæ сты 160. Фæсивæд Тогойты Тамик, Дзебысаты Сæрмæт, Тогойты Сослан, Дзæхаты Ибрагим, Плиты Аслан, Илурты Ибрагим, Æмбалты Тимур æмæ æндæртæ ахадгæ куыст кæнынц хъæуы сыгъдæгдзинадыл, сæ хъус дарынц санитарон уавæрмæ, хæрзарæзтадмæ.
Ивгъуыд азы администрацимæ алыхуызон курдиаттимæ быцыд 976 адæймаджы. Цæрджыты зæххыты 80% приватизацигонд æрцыдысты.

IMG 0582
Хорз кусынц хъæуы «Ныхас», сылгоймæгты æмæ фæсивæды Советтæ. Администрациимæ иумæ архайынц терроризм æмæ экстремизм ма руадзыныл. куыст цæуы æхсæннацион ахастытæ хуыздæр кæныныл, быцæутæ ма ‘руадзыныл. Уыцы хъуыддæгты семæ вæййынц пъæлицæйы участокон инспектортæ, иумæ саразынц рейдтæ.
Фæсивæдæн спортивон зал кæй нæй, уый тыххæй æвзарынц зындзинæдтæ.
Администрацийæн газет «Фидиуæг» рафыссынæн æмæ æндæр хъуыддæгты æххуыс кæнынц æнæххæст  бæрнондзинады æхсæнадтæ (ООО) «Спецтепломонтаж»-ы æмæ «Сæрмæт»-ы директортæ Дзебысаты Майрæм æмæ Гуыдиты Алан.
Ивгъуыд азы Плийы-фырты номыл уынджы кæрæй-кæронмæ бакодтой электрон рухсгæнæнтæ. Хъæууонхæдзарадон хъалонты пълан уыдис 116 мин сомы æмæ сæххæст 380 мин сомæй, хиисбоны хъалонты пълан та уыд 70 мин сомы æмæ йæ сæххæст кодтой 80,7 мин сомæй.
Ацы аз администраци йæхи æмæ районы администрацийы æхцайы фæрæзтæй 800 метры газ бауадзынæн кæндзæн Фæскомцæдисон уынгмæ, Датийы-чызджы номыл уынджы фæндагыл ссуддзысты электорн цырæгътæ, кæронмæ сцалцæг кæндзысты Фæскомцæдисон уынг, кусдзысты посты хайады бæстыхай саразыныл, хъæуы кæронмæ фæуыдзæн спортивон зал æмæ фæзуаты арæзтад. Сæххæст ма кæндзысты æндæр куыстытæ дæр  депуттатимæ иумæ.
Дзебысаты Хъазбег бузныг загъта нæ районы сæргълæууæг Гаглойты Аланæн, администрацийы сæргълæууæг Есиаты Русланæн, амалхъом адæймаг Битарты Аланæн æмæ æндæртæн сæ активон æххуысы тыххæй, банысан ма кодта, адæмимæ иумæ кæй кусдзысты, уый.
Уæллаг Санибайы бынæттон администрацийы куыст 2017 азæн нымад æрцыд рæстæмбисыл.
Æмбырды уыд æмæ адæмы фарстатæн дзуæппытæ радта нæ районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Сланты Марат.
Гасситы Моисей.
Авторы ист къам.