Новости

Ерыстæ суыдзысты æрвылазон

Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд уырдæм фæцыдысты æрвадиуæггæнæг Хуыгатæ æмæ Сланты фæсивæд дæр. Уыдон нæ фæхудинаг кодтой сæ мыггæгты фарн, стæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, 1992 азы æрбабырсты рæстæг ацы æрвадæлтæй чи архайдта, чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Хуыгатæ æмæ Слантæй сæрмагонд æфсæддон операцийы фæхъуыд 17 лæппуйы, уыдонæй иутæ цардысты Горæтгæрон районы – Черменыхъæуы, Тарскæйы, Сунжæйы, стæй Хуссар Ирыстоны æмæ æндæр цæрæн бынæтты. Ацы æфсæддон операцийы ирон мыггæгтæй Хуыгатæй фылдæр хæстонтæ никæмæй фæхъуыд.

турнир

Хорз бакодтой мыггæгты советы разамонджытæ, Уæлахизы боны кадæн Цæгат Ирыстоны цы спортивон ерыстæ цыдысты, уыдонæй иу кæй бацæттæ кодтой, уымæй. Турнирæй ссардтой Хуыгаты æмæ Сланты зынгхуыст лæппуты рухс нæмттæ. Уагъд цыд футболон скъола "Юность"-ы стадионы. Ацы футболы ерысты тыххæй развæлгъау уыд хъусынгæнинаг, æмæ дзы бирæ адæм æрбамбырд. Архайдтой дзы 2013–2014 азты гуырд футболисттæ æхсæз командæйæ: "Юность 1", "Юность 2", "Спартак", "Автодор", "Динамо" æмæ нæ районы Октябрыхъæуы командæ.

Футбол рауад цымыдисон. Кæронбæттæны фембæлдысты командæтæ "Автодор" æмæ "Юность 1". Фæуæлахиз "Юность 1" 5:4 хыгъдæй. Уыдоны фæстæ æртыккаг бынатмæ рацыд Октябрыхъæуы командæ.

Уæлахиздзаутæн, призон бынæттæ чи бацахста, уыдонæн саккаг кодтой кубоктæ, майдантæ, дипломтæ, грамотæтæ. Тæрхонгæнджытæ Кокойты Артур æмæ Бериаты Таймуразæн радтой сæрмагонд лæвæрттæ.

Хуыздæр дуаргæс Бедойты Михал, хуыздæр хъахъхъæнæг Дзлиаты Зауыр, хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг Лазарты Æхсар, хуыздæр размæбырсæг Глеб Лях, æппæты рæстдзæвиндæр Джиоты Хетæг, хуыздæр хъазæг Дзлиаты Зауыры схорзæхджын кодтой сæрмагонд лæвæрттæй.

Æрвадиуæггæнæг мыггæгты уынаффæгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм турниртæ суыдзысты æрвылазон.

ГАССИТЫ Моисей