Новости

Ацы аз – фылдæр хæстæ

Нæ районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъæуты цæрджыты сходтæ. Æрæджы сход ацыд Донгæроны хъæуы культурæйы Хæдзары залы. Уыдысты дзы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Деметы Славик (уый амыдта сход дæр), администрацийы адæмимæ куысты фæдыл хайады хицау Гæджиты Таймураз, культурæйы управленийы хицау Туаты Мæдинæ, районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар, райрынчындоны сæйраг дохтыр Кучиты Таймураз, паддзахадон унитарон куыстуат «Коммунресурстæ»-йы минæвæрттæ.

Бынæттон администраци ивгъуыд азы цы бакуыста, æмæ йыл ацы аз цавæр хæстæ æвæрд ис, уыдоны тыххæй хыгъдон доклад скодта сæргълæууæг Булкъаты Эрик.
Уый фæстæ раныхас кодтой – бынæттон депутат Магомед Батажев, хъæуы «Ныхас»-ы сæрдар Босыкты Тарзан, Туаты Мæдинæ, хъæуы цæрæг Æлборты Аслан, астæуккаг скъолайы директор Хетæгкаты Элызбар, коммуналон куыстуаты сæйраг инженер Чысиаты Генæ, Ходы Æхсар, Деметы Славик æмæ æндæртæ.
2017 азы Донгæроны бынæттон бюджет уыд 2 милуаны æмæ 782 мин сомы, хъалонтæ æрæмбырд кодтой 300 мин сомы. Хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы ис цухдзинæдтæ.
Ивгъуыд аз администраци Кировы, Остъайы-фырты æмæ Гастеллойы уынгты сарæзта бæлццæттæн фæзуæттæ æхсæнадон автотранспортмæ æнхъæлмæ кæсынæн. Остъайы-фырты æмæ астæуккаг Дачнæйы уынгты бакодтой электрон рухсгæнæнтæ, республикæйы Мидхъуыддæгты министрады æмдзæрæнмæ фæндаг сцалцæг кодтой.
Азы дæргъы арæзтой сыгъдæгдзинады бонтæ, сцалцæг кодтой хъæуы хид. Къутæртæй асыгъдæг кодтой иуæй-иу бынæттæ, фæндæгты былтыл кæрдæджытæ ныккарстой æмæ а.д. Æхцайæ баххуыс кодтой рынчынтæн.
Æмбырды бирæ дзырд цыд, астæуккаг скъолайы алыварс æхгæд кæй нæу, ууыл. Уый æвзæрын кæны зындзинæдтæ. Скъолайы нæ кусы санузел дæр, сантехникæ хуызæнæн нæу. Йæ агъуысты æмбæрзт дымгæбонты ныскъуыдтæ вæййы. Хъæуы донцæуæн хæтæлты фылдæр хай сты ивинаг, адæм æвзарынц донæй цухдзинад. Ис сын зындзинад зæххы участоктæ сфидар кæнын.
Æнæхицау куыйтæ хъыг дарынц адæмы, сабитæ уынгты æдæрсгæ нæ ацæудзысты. Цæрджытæ дызæрдыг кæнынц, нуазыны доны аргъ фидыныл - æгæр зынаргъ у.
Донгæрон-Дзæуджыхъæуы автотранспорт хорз, æнæкъуылымпыйæ кусы, фæлæ бæлццæтæ хъаст кæнынц Дачнæйæ-Дзæуджыхæумæ цæуæг автобусы куыстæй. Катайгæнгæ дзырдтой, фæндаггаджы аргъ дыууæ маршрутыл дæр звнаргъ кæй у, уый тыххæй. Администраци хъуамæ фылдæр хъусдард æздаха сæрвæтты фарстамæ. Адæм æнæуи дæр тыхст сты, æмæ сын сæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъæуы.
Донгæроны раздæр уыд сабидон, ныр уæлдæрлæууæг органтæ ныфс æвæрынц, ацы аз æй ногæй кæй байгом уыдзæн 50 сабийæн, уымæй.
Кировы уынгтыл иуæй-иутæ сæ автомашинæтæ фескъæрынц æгæр тагъд, æмæ тæссаг у сабитæн, цæрджытæн. Уыцы фæндагыл хъæуы къуыбыртæ саразын.
Администраци дарддæр дæр кусдзæн донцæуæн хæтæлтæ саразыныл, уынгты электрон рухсгæнæнтæ бакæныныл, санитарон уавæрыл. Адæм та сæ бырæттæ ласæггаг хъуамæ æнæкъуылымпыйæ фидой аргъ.
Сходы дзырд цыд экстремизм æмæ терроризм ма ‘руадзыныл, алы адæмыхæттытæ дæр сæ кæрæдзиимæ хъуамæ цæрой æнгом æмæ хæларæй. Негативон фæзындтытæн бынат хъуамæ ма уа. Фæсивæдмæ аздахын хъæуы фылдæр хъусдард. Абон 15 æвзонг лæппуйы цæуынц футболы секцимæ, 40 адæймаджы та архайынц хъæуы культурæйы Хæдзары къордты.
Хъыгъдон рæстæг Донгæроны бынæттон администрацийы куыстæн адæм скодтой рæстæмбис аргъ.
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.