Хъæууон сходтæ: кæрæдзийы æмбаргæйæ

Чысыл цæрæн бынат у Ирыхъæу, цæры дзы 4873 адæймаджы 859 хæдзары. Куыд иннæ хъæуты, афтæ ам дæр ацыд хъæубæсты сход бынæттон администрацийы хæдзары. Амыдта йæ хъæуы Ныхасы сæрдар, депутат Хъæцмæзты Юрий.
2017 азы хъæуы бынæттон администраци куыд æмæ цы бакуыста, уый тыххæй хыгъд радта йæ сæргълæууæг Чилæхсаты Алан. Раныхас кодтой хъæубæсты цæрджытæ Бестауты Гурам, Тотраты Хæмæт, Карчаидзе Моисей, Гæджиты Милинæ, Уæлыгæсты Тамарæ, Тедеты Алан, Мæхъиты Эльбрус, районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар, районы сылгоймæгты сæрдары хæдивæг Тедеты-Бететы Райхан.
Æмбырды лæмбынæг æрдзырдтой ивгъуыд азы бынæттон администрацийы куысты барадон, финансон, организацион æмæ æндæр фарстатыл.
Администраци тынгдæр æргом здæхта санитарон уавæрмæ, æмæ йын бирæ бантыст. Хъæуы хæрзарæзтадыл кусын хъæуы иумæйаг тыхтæй. Иуæй-иу хæдзæртты рæзтæ сты тынг æнæфснайд, æмæ уыдоны хицæуттæ администраци нырæй фæстæмæ кæндзæн ивар.
2017 азы районы бюджеты æхцайы фæрæзтæй æрдзон газ бауагътой «Восход»-мæ, ацы аз æй кæронмæ газификаци скæндзысты. Сталины номыл уынг сцалцæг кодтой, цалдæр уынджы бакодтой электрон рухсгæнæнтæ, ахæм куыстытæ ма сæххæст кæндзысты ацы аз дæр.
Хъæуы цæрджытæй иутæ нæ фидынц нуазыны доны аргъ æмæ уый тыххæй бирæ хæс дарынц районы коммуналон службæйæ. Нуазыны дон хъæуы нæ фаг кæны, сæрдыгон рæстæг иуæй-иу хæдзæрттæ æййафынц донцух.
Ирыхъæуы нæй культурæйы Хæдзар, спортивон зал æмæ фæсивæд æндæр рæдтæм цæуынц алыхуызон культурон мадзæлттæм, спортивон секцитæм. Ис сын æнтыстытæ спортивон ерысты, олимпиадæты, æркастыты. Фæсивæдæй ныртæккæ 12 лæппуйы службæ кæнынц Уæрæсейы Æфсæды рæнхъыты. Æфсадæй йæхи чи ‘мбæхсы, уыдонимæ та администраци кæны æмбарынгæнæн куыст.
Ахсджиаг проблемæйыл экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ профилактикон куыст цæуы Ирыхъæуы. Районы прокуратурæимæ иумæ бынæттон администраци хъæубæстæ æмæ астæуккаг скъола кæныкц бæлвырд куыст.
Куыст ма цæуы фæсивæды ‘хсæн наркоманийы профилактикæйыл.
Хыгъдæттæг æрдзырдта йæ размæвæрд хæстыл, саразинаг хъуыддæгтыл. Зæрдæйæн æхсызгон у уый, æмæ 2018 азы хъæуы кæй райдайдзысты аразын сабидон. Ныфс æвæрынц спортивон зал, Калинины уынгыл та – канализаци саразынæй, дæр. Иуæй-иу фæндæгтæ цалцæггонд æрцæудзысты.
Хъæубæсты цæрджытæ хъаст кодтой, хардзгонд доны аргъ сæм зынаргъ кæй у, уæлмæрдтæм фæндаг æвæстиатæй кæй у цалцæггæнинаг. Иуæй-иу инвалидтæ коммуналон лæггæдты аргъ фидынц æххæстæй, фæлæ сын хицауад фæстæмæ не здахы йæ 50 проценты, куыд æмбæлы, афтæ.
Æмбырды архайджытæ ма фæндон рахастой, цæмæй хъæуы уынгтæй иуæн радтой хъæубæсты куырыхондæр лæгтæй иу, зындгонд аивады кусæг, дзæнæттаг Дзидздзойты Шамилы ном.
Хыгъдон рæстæг Ирыхъæуы бынæттон администрацийы куыст нымад æрцыд рæстæмбисыл.
Сходы архайды районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг, финансты управленийы хицау Гæбæраты Артур.
Гасситы Моисей.
Авторы ист къам.