Тарскæйæгтæ службæ кæнынц
Цæгат Ирыстоны автономийыл 20 азы куы сæххæст, уæд ÆК(б)П ЦК æмæ Советон хицауады арфæйы фыст уыди: «Ирон адæмы фырттæ гитлерон тыхæйисджыты ныхмæ тохы равдыстой æхсар æмæ лæгдзинады цæвиттонтæ».
Алы æмбаргæ адæймагæн дæр уый зындгонд у. Нæ ирон адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы сгуыхтдзинад равдыстой, цæрджыты нымæцмæ гæсгæ Советон Цæдисы Хъæбатырты ном райсынæй фыццаг бынат кæй бацахстам, уый бирæ цæуылдæрты дзуры, æмæ хъуамæ сæрæстыр уæм!
Фыдыбæстæйы Стыр æмæ уый размæ иннæ хæстытæй дæр рацыдис рæстæг, фæсивæд бахъомыл сты, абон цæрынц æндæр дуджы, æмæ ныр бирæтæ сæ æмбæстагон хæс фидынц Уæрæсейы æфсады рæнхъыты. Æмæ зæрдæйæн æхсызгон у, нæ хъæуы æфсæддонтæ дæр ирон лæджы кад æмæ намыс кæй нæ худинаг кæнынц, уый.
Нæ хъæуæй ныртæккæ æфсады службæ кæны 36 лæппуйы. Уыдонæй 2017 азы уалдзæджы æрсидты сæ паддзахадон хæс æххæст кæнынмæ ацыдысты 24 æвзонг лæппуйы, фæззыгон æрсидты та – 12.
Зæрдæйæн æхсызгон у уый, æмæ се ‘ппæт дæр намысджынæй кæй æххæст кæнынц сæ хæстæ. Сты политикон, æфсæддон цæттæдзинадæй æвзыгъд хæстонтæ. Аккаг æфсæддонтæ кæй сты, уый тыххæй сæ командæгæнджытæ Арфæйы фыстæджытæ, Кады грамотæтæ æмæ Гæххæттытæ æрвитынц сæ ныййарджытæм, кæм ахуыр кодтой, уыцы скъолатæм, хъæуы бынæттон администрацитæм.
Хъæуы цæрджытæ, æфсады абоны службæгæнджытæ - æфсымæртæ Бедойты Сослан æмæ Рустам Уæрæсейы зæххыл æххæст кæнынц се ‘фсæддон хæс. Ацы лæппутæ сæхæдæг бацыдысты æфсæддон комиссариатмæ, цæмæй сæ акæной æфсадмæ. Æмæ нæм ныр сæ хорз хабæрттæ хъуысынц. Хицæн бынæтты службæ кæнынц æфсымæртæ, фæлæ цæуынц раззагдæр рæнхъыты. Уымæн æвдисæн, фæстаг рæстæг Сосланы ныййарджытæм се ‘фсæддон хайæ цы Арфæйы гæххæттытæ æрцыдысты, уыдон дæр.
Бедойты Рустамимæ-ма иу æфсæддон хайы слæжбæ кæны нæ хъæуы хуыздæр лæппутæй иу - Хæбæлаты Леуан. Уый дæр у æвзыгъд хæстон. Се ‘ппæт дæр дзæбæхæй сæмбæлæнт сæ къонатæм!
Малиты Индирæ,
тарскæйы хъæуы бынæттон администрацийы æфсæдон-стъолы хицау.