Новости

Хъæууон сходтæ: æргом ныхас

IMG 0437
Бирæ ахсджиаг фарстатыл дзырд цыд Тарскæйы Культурæйы хæдзары хъæубæсты сходы. Амыдта йæ хъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы директор Джусойты Павел.

Хыгъдон докладимæ раныхас кодта бынæттон администрацийы сæргълæууæг Соттиты Эльбрус. Уый радзырдта, ивгъуыд азы администрацийы куысты тыххæй, адæмы базонгæ кодта ацы азы бакæнинаг хъуыддæгтимæ.
Соттийы-фырт лæмбынæгæй афæлгæсыд бынæттон бюджетыл, хъæубæсты цæрæг адæмы нымæцыл, æппæт хъуыддæгтыл, санитарон æмæ донцæуæн хæтæлты уавæрыл, æндæр хъуыддæгтыл.
Раныхасгæнджытæ карзæй дзырдтой сæ хъæуы рынчындоны медицинон «Тагъд æххуыс»-ы куысты тыххæй, разы не сты, Дзæуджыхъæумæ йæ кæй алæвæрдтой, ууыл. Хъæуы ацы аз цы амбулатори аразын райдайдзысты, уый чысыл кæй уыдзæн, уый дæр сæм раст нæ кæсы. Хъæуы сабидæтты медицинон хотæ кæй нæй, уый дæр ахъуыдыйаг.
Ацы фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Дзæуджыхъæуы «Тагъд æххуыс»-ы филиалы разамонæг Будзойты Азæмæт, нæ районы рынчындоны сæйраг дохтыр Кучиты Таймураз, хъæуы рынчындоны сæйраг дохтыр Хæмыцаты Ритæ.
Сходы архайджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй ацы проблемæты фæдыл фыстæг-курдиат арвитой республикæйы Æнæниздзинадхъахъхъæныны министрадмæ.
Дзырд цыд, хъæуы астæу районы фæлхасадон æхсæнадæн цы дыууæ уæладзыгон дукани ис, ууыл. Рагæй нал кусы, йæ агъуыст у кæлæддзаг, æмæ æвидыц кæны хъæуы центр.
Нæ районы фæлхасадон æхсæнады сæрдар Хуыбаты Валентинæ адæмæн дзуапп радта ацы фарстайæн.
Адæм рæгъмæ рахастой, хъæуы бæлццæттæласæн автобус кæцæй рацæуы, уым адæм сæ бырæттæ кæй калынц, æмæ уый та æвзæрын кæны антисанитари. Тарскæйы пъæлицæйы участкон хайады хицау Тотраты Эльбрус ныфс бавæрдта, дарддæр афтæ кæй нал уыдзæн, уымæй.
Хъæуы цæрæг Тъехты Дунессæ хъаст кодта, доны аргъы фиддон нæ районы иннæ хъæутимæ абаргæйæ Тарскæйы зынаргъдæр кæй у, уымæй.
Районы паддзахадон унитарон куыстуат «Коммунресурстæ»-йы хицау Гугкаты Дмитрийы дзуапп уыд: «Доны аргъы фиддонтæ мах не ‘вæрæм, æрмæстдæр нæм хауы доны хæтæлтæ ивын, кæнæ сæ сцалцæг кæнын».
Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Соттийы-фырт ныфс бавæрдта. ацы хъуыддаг æмбæлгæ органтимæ кæй аскъуыддзаг кæндзæн, уымæй.
Куыд иннæ азты сходты, афтæ та ныр дæр тарскæйæгтæ катай кодтой, хъæуы уæллаг фарс цы æфсæддон полигон ис, уый алыхуызон транспорт хъæуы астæуты кæй цæуы. Тæссаг у фыдбылызæй бæлццæттæн, сабитæн.
Октябрыхъæуæй Тарскæмæ фæндагыл донбылгæрæтты цы минасгæнæн тæппытæ ис, уыдон сыгъдæг дарынц сæ территори, фæлæ аив нæу, ам сæ рæстæг чи æрвиты, уыдон сæ автомашинæтæ фæндаджы былыл кæй бауромынц.
Районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар радзырдта хъæуы администраци æмæ «Ныхас»-ы æмгуыстады тыххæй, фæсивæды фарстатыл: нозт, наркоманийæ сæ бахизыныл, ирон рæсугъд æгъдæуттæ æххæст кæныныл.
Ацы æмæ æндæр фарстатыл ма раныхас кодтой хъæуы куырыхон хистæртæй сæ иу – Мæхъиты Валодя, Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадон тауинæгты лабораторийы хицау Тотраты Олег æмæ æндæртæ.
Сходы архайдтой нæ районы сæргълæууæджы хæдивæг Багаты Рустам, районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Сланты Марат, райгазы, æндæр организациты минæвæрттæ.
2017 азæн Тарскæйы бынæттон администрацийы куыстæан адæм скодтой растæмбис аргъ.
Гасситы МОИСЕЙ.