Адæмы хæрзиуæгæн
Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны уыд хъæубæсты сход. Уыдысты дзы районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, йæ хæдивæг Деметы Славик, администрацийы адæмимæ куысты фæдыл хайады хицау Гæджиты Таймурадз, Мидхъуыддæгты органты кусджытæ, коммуналон хæдзарады, социалон ифтонгады, куыстмæ æрвитæн центры, æндæр организациты æмæ кусæндæтты разамонджытæ, хъæубæсты адæм.
Æмбырд-сход амыдта районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар.
Октябрыхъæуы бынæттон администраци 2017 азы цы куыст бакодта æмæ йыл ацы аз цахæм хæстæ ис, уый тыххæй хъæубæсты раз хыгъд радта администрацийы сæргълæууæг Уалыты Руслан (хыгъд мыхуыр æрцæудзæн нæ газеты радон номыры).
Дыккаг фарста та уыд Октябрыхъæуы пъæлицийы участокон бæрнынджынты хыгъд. Скодта йæ Зæнджиаты Азæмæт.
Уый фæстæ раныхас кодтой районы æфсæддон комиссар Константин Кочаров, хъæуы цæрджытæ Хуыгаты Сослан, Боцуаты Валодя, Æлборты Иван, Цыбырты Михаил, Хестанты Марат, Къæбысты Никъала, Ходы Æхсар, районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан.
Раныхасгæнджытæ банысан кодтой хъæуы администраци ивгъуыд азы хорз кæй бакуыста, адæмы хæрзиуæгæн ын бантыст бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын æмæ дарддæр дæр афтæ хъуамæ уа, уыимæ иумæ йын саразинæгтæ дæр нырма ис.
Цæвиттон, Октябрыхъæуæн йæхи мидæг нæ цæуынц маршрутон автобустæ, афтæмæй та хъæу у стыр æмæ Тарскæйы уынгтæй райдайгæйæ рынчындонмæ чи цæуа, уый цы ми хъуамæ кæна? Кæнæ коммуналон хæдзарады районы цæрæг адæм цы фæуой, куыд цæуой? Ацы фарстатыл рагæй дзырдæуы, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не ггуырсы.
Богдан Хмельницкийы уынджы сæрæй Камбилеевкæйы цæугæдоны сæрты хъæуы хид саразын, кæннод районы центрмæ, уæлмæрдмæ адæм цæуынц дæрдтыл.
Хъæуы цæрæн корпусты рæзты цæрджытæй чидæртæ сарæзтой гаражтæ, æндæр арæзтадтæ, сæ хæдзæрттыл рахæцыдысты æмæ уый дæр раст нæу. Уынгты, центры дыууæрдæм кæнынц фос, фæндæгтыл , хæдзæртты раз ис хæлд техникæ, автомашинæты хæйттæ, арæзтадон æрмæджытæ æмæ баззайæццæгтæ. Афтæ сты бирæ азты дæргъы.
Иуæй-иу уынгтæ скъахынц æмæ арæзтады фæстæ сыджыт рæстмæ нал ныккалынц, ацæуæн сыл фæзын вæййы.
Цæрджытæ ма хъаст кодтой, Октябрыхъæуы «чысыл базар» кæй хонæм, уый цур æмæ райцентры ресторан-кафе «Алан»-ы алыфæрсты бирæ автомашинæтæ кæй бауромынц æмæ дзы фистæгæй цæуджытæн ацæуæнтæ нал вæййы.
Фæхуыздæр кæнинаг у хъæуы участокон бæрнджынты куыст дæр. Æхсæвыгæдты хъæуы спортивон-æнæнизгæнæн комплексы цур æмæ æндæр бынæтты чидæртæ фæкæнынц æнæгъдау митæ, къултыл ахорæнтæй фыссынц, цы нæ æмбæлы, ахæмтæ. Уыдонмæ та хъус æрдарын хъæуы. Куыст хъуамæ цæуа адæмы хæрзиуæгæн.
Хыгъдон рæстæджы Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы куыст нымад æрцыд рæстæмбисыл, куыст дарддæр фæхуыздæр кæныны тыххæй райстой уынаффæйы проект.
Гаситы Моисей.
Авторы ист къамтæ.