Рæстдзинад мах фарс ис!
Æфæсæддон адæймаг дæн. Хорз зонын æфсады хъуыддæгтæ - бирæ азты йын балæггад кодтон, мæ царды фылдæр рæстæг уым арвыстон.
Æнцон нæу æфсæддон уæвын, æгæрæстæмæй цыфæнды сабыр дуджы дæр. Æмæ ныртæккæ Украинæйы цытæ цæуы бандеронтæ æмæ националистты аххосæй, уый хæстон æвзагæй у тугкалд.
Уыцы тугкалд не ‘рцыдаид, Ныгуылæн æмæ Украинæйы разамынд Уæрæсейы Президент Путинмæ куы байхъуыстаиккой, уæд. Уый сæ 8 азы дæргъы домдта сабырдзинад, Луганск æмæ Донецкы республикæты уырыссаг адæмы ма хъыгдарын, сæ царды бартæ сын мæ исын. Иннæ адæмыхæттытæн Украинæйы цы бартæ ис, уыдон уырыссæгтæн дæр хъуамæ уой. Фæлæ хъусæг нæ уыд. Уый нæ – уырыссаг æвзаг ахуыр кæнын дæр ахуыргæнæндæтты æрæхгæдтой, советонæй сæм цы уыди – цыртдзæвæнæй, музейæ – ныппырх сæ кодтой, раст Гуырдзыстоны куыд кодтой, афтæ.
Æмæ дзы цы рамбылдта Гуырдзыстон? Тыхцард кæны. Арсимæ та кæрдо ничи цæгъды. Афтæ уыдзæн Украинæйы дæр, уымæн æмæ Уæрæсе йе ‘мбæстæгты, йæ адæмы æфхæрын нæ бауадздзæн. Уый ныр бæлвырд у!
О, æрцыд тугкалд. Фæхъуыдысты, хъыгагæн, Уæрæсейы æфсæддонтæ, семæ цы бархионтæ уыд Уæрæсейы сæрыл хæцгæйæ, уыдон, сæ нымæцы - ирыстойнæгтæ дæр. Рухсаг уæнт, сæ тох дзæгъæлы нæ фæуыдзæн.
Афтæ мæм кæсы, æмæ ацы сæрмагонд æфсæддон операцийæн тагъд кæрон æрцæудзæн. Цæваг галæн йæ сыкъа сæттаг у. Кæд сусæг-æргомæй НАТО, Америкæ, Стыбритани, Франц, Германи æмæ иннæ чысыл паддзахæдтæй чидæртæ Уырысы ныхмæ сты, ифтонг кæнынц Украинæйы алыхуызон хæцæнгæрзтæй, уæддæр хъомысджын паддзахадæн ницы ракæндзысты, сæ фæндтæ сты митын мæсыгау.
Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Жан Лабрюйеры ныхæстæ: «Æдзæсгом йæ цъаммар митæ барæй, мыййаг, нæ фæкæны – йæ удыконд ахæм у, йæ сахъæттæ гуырдæй рахæсгæ вæййынц».
Украинæйы абоны уавæры тыххæй цыма загъд сты!
ТЕБЛОЙТЫ Гришæ,
Комгæроны хъæуы ветеранты Советы сæрдар.