Новости

Æххуыс - тыхст адæмæн

Нæ республикæйы цæрджытæ, кусæндæттæ се 'ххуысы хай кæнынц Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты тыхст адæмæн. Хицæн хъæутæ дæр уырдæм æрвитынц гуманитарон æххуыс.

сунжа

Фæсте нæ фæлæууыдысты Сунжæйы хъæуы цæрджытæ дæр æмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ баххуыс кодта Луганск æмæ Донецкы зындзинæдты бахауæг адæмæн.

Сунжæйæгтæ æрæмбырд кодтой алыхуызон хойраг, æхца, уæлæдарæс, хостæ, адджын æмæ минералон дæттæ, гигиенæйы фæрæзтæ, æндæр хъæугæ дзаумæттæ æмæ сæ бавгæдтой дыууæ "Газель"-ы Донбассмæ арвитыны тыххæй.

Æндæрæбон изæрæй Сунжæйы хъæумæ бацæуæны Уастырджийы кувæндоны цурмæ бирæ адæм æрбамбырд. Ам фæндараст загътой, Донбассмæ гуманитарон æххуыс чи ласы, уыдонæн - шофыртæ Гаглойты Омар æмæ Цоциты Вовæйæн; бынæттон администрацийы сæргълæууæг Джиоты Робертæн, хъæуы фæсивæдæн.

Стыр Хуыцау, Уастырджи, зæдтæ æмæ дауджытыл сæ ирон æгъдаумæ гæсгæ бафæдзæхста хъæуы куырыхон хистæртæй иу, историк Козаты Петр, æмæ сын хъæубæстæ иумæйагæй загътой фæндараст.

Ацы хорз хъæппæрис фылдæр фæсивæдæй рацыд, æмæ зындзинæдтæ макуы фенæнт, æфсинтæ та куывдтæ æмæ чындзæхсæвты лæггад кæнæнт! Украинæйы Уæрæсейы æфсæддон операцийы йæ хæс чи æххæст кæны, уыдон та тагъд рæстæг уæлахизимæ æрыздæхæнт сæ къонатæм!

ГАССИТЫ Моисей.

Печать