Тыхæвзарæнты сæрты - амондмæ

Мæргъиты Серги йæ бинонтимæ царди Гуырдзыстоны Карелы районы Мехеты хъæуы. Йæ цардæмбал Куымæриттаты Ермонаимæ сын уыди цыппар чызджы æмæ иу лæппу.
Сывæллæттæ рæзыдысты æнæмæтæй сæ мад æмæ фыды фæрцы. Хъомыл сæ кодтой, ирон фарн æмæ намыс куыд амыдта, афтæ. Бæллыдысты хуыздæр сомбонмæ. Фæлæ хаттæй-хатт адæймаджы фæндтæн сæххæст уæвын нæ бантысы.
Мæргъиты бинонтæн дæр сæ рухс фидæнмæ бæллындзинад æргъæвд æрцыд хуыздæр рæстæгмæ. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.
Германы æфсæдтæ æнæнхъæлæджы æрбабырстой Советон Цæдисмæ. Адæм хъуыды кодтой сæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныныл. Хæцæнгарзыл хæцынхъом чи уыди, уыдон фæцыдысты тохы быдырмæ. Акодтой хæстмæ Сергийы дæр. Ермона фæкатай кодта йæ хæдзардарæджы ацыдыл, стæй дывæр хъарутæй бавнæлдта йæ сывæллæтты хъомыл кæнынмæ.
Лизæ йын уыд зæнæгæй æртыккаг. Æмæ йыл кæд æхсæзæм аз йеддæмæ нæ цыд, уæддæр-иу æнæзивæгæй йæ мадæн æххуыс кодта. Кæм ын-иу йæ уисой æрбахаста, кæм та - дон. Æппынæдзух йæ гыццийы раз лæууыд, æмæ-иу æй цы бахъуыд, уый та йæм-иу уайтагъд авæрдта. Тынг райгонд уыд Куымæриттон йæ гыццыл чызгæй.
Уæззау рæстæджытæ æрвыста Ермонæ. Фæлæ уæдмæ хæст фæцис, фашистон Германы æфсæдтæ дæрæнгонд æрцыдысты, æмæ Серги æрыздæхт йæ къонамæ.
Хæсты фæстæ гуырдзыстоны цæрæг ирæттæй бирæ чидæртæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Мæргъиты Серги дæр йæ бинонтимæ æрбынат кодта Сунжæйы хъæуы.
Цыбыр рæстæгмæ сæхи бауарзын кодтой сыхбæстæн се 'гъдау, уарзондзинад æмæ къæбæрдæттонæй.
Куыстуарзаг Серги æмæ Ермонæ дзæгъæл бадт нæ уарзтой, уымæ гæсгæ дыууæйæ дæр бацыдысты кусынмæ бынæттон колхозмæ.
Сывæллæттæ ахуыр кодтой скъолайы. Ахуыр куы фесты, уæд кусын райдыдтой хæдзарады алы къабæзты. Лизæ та скъолайы фæстæ куыста колхозы дыргъдоны - ам бригады уæнгтимæ зылди бæлæстæм, æмбырд кодтой дыргътæ.
Лизæ уыд хæрзаив, æгъдауджын æмæ уæздан чызг.
Иу рæстæджы сæм фатеры æрцардысты Челæхсаты бинонтæ: Куджи, йæ цардæмбал æмæ сæ дыууæ фырты. Зæнæджы кæстæр Арон уыд æрмдæсны. Куыста колхозы арæзтадон бригады. Кодта хъæддæсныйады куыст, уыд дурамайæг дæр. Бригады уæнгтæ арæзтой колхозонтæн хæдзæрттæ, фермæтæ.
Фæскуыст-иу изæрыгæтты алы сых дæр арæзта хъазтизæртæ, фæсивæд зарыдысты, кафыдысты.
Иу изæр Лизæ хъазты федта кафгæ сæ фатеры цæрæджы. Аронæн йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцыд, цъилау-иу ныззылди, кæимæ кафыд, уыцы чызджы алыварс. Йæ къухтæ-иу уæлæмæ, цæргæсы базыртау, куы систа, уæд-иу æм бирæ чызджытæ батæхуды кодтой. Лизæйы зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис лæппу. Уыцы бонæй фæстæмæ чызг уарзты цæхæры бахауди.
Иу хæдзары цæргæйæ, куыд не 'мбæлдаиккой кæрæдзиуыл. Лизæ-иу, куыстмæ рацæугæйæ, лæппуйыл куы амбæлди, уæд-иу фырæфсæрмæй йæ цæсгом артау ссыгъди, йæ нарæг къæлæт æрфгуыты бынæй-иу аивæй Аронмæ скаст.
Лæппуйы зæрдæ дæр тырныдта чызгмæ, фæлæ-иу ирон æгъдаумæ гæсгæ уæзданæй йæ рæзты рахызт.
Уæдмæ Куджи йæ бинонтимæ æндæр хæдзары æрцард. Арон афтæ арæх нал уыдта Лизæйы. Уарзондзинад ын йæ зæрдæ артау сыгъта. Хуыздæр уавæры нæ уыд чызг дæр. Æнæ кæридзи фенгæйæ сыл хур талынг кодта. Æмæ иу бон лæппу йæ фæнд загъта фыдæн. Барвыстой минæвæрттæ Мæргъиты Сергийы хæдзармæ, бафидыдтой æмæ скодтой чындзæхсæв.
Лизæ уыд тынг кусаг чызг. Хæдзар-иу цæхæртæ скалын кодта. Уымæй раздæр-иу сыхбæстæй ничи сыстад, кæрт, уынг ничи ныммарзта. Тынг лæггад кодта йе 'фсин æмæ хицауæн.
Уæдæ бригады дæр уыд фæзминаг. Йæ хæслæвæрттæ æххæст кодта уæлдайджынтæй. Бригадир æмæ колхозы разамынд тынг райгонд уыдысты чызджы куыстæй. Арæх-иу ын йæ ном æрхастой дæнцæгæн куыд социалистон ерысы уæлахиздзауæн.
Ныййарæг мадæн йæ фыццаг хъæбулы райгуырд вæййы, цыкурайы фæрдыг ссарынау. Куыд нæ кодтой цин Арон æмæ Лизæ сæ фыццаг зæнæг Катяйыл. Фæлæ сæ цин уыдаид дывæр, куы зыдтаиккой, уыцы чысыл хур ма йæ фæстæ 5 хъæбулы кæй расайдзæн. Афтæ дыууæ æрыгон цардæмбалы уарзондзинадæй ма дунемæ фæзындысты Анатоли, Таня, Маринæ, Роберт æмæ Вадим.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уыйбæрц сывæллæттæ дарын дæр хъуыд. Гъемæ Мæргъион æмæ Челæхсайы-фырт сæ хъарутыл нæ ауæрстой. Архайдтой, цæмæй сæ кæстæртæ мацы хъуаг уой царды, ууыл, ма уой се 'мгæрттæй цауддæр.
Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Байрæзтысты Челæхсаты кæстæртæ дæр. Фесты каст Сунжæйы астæуккаг скъола, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Уый фæстæ сæ амæндтæ ссардтой, систы бинонты хицæуттæ. Алкæй дæр дзы хъысмæт акодта хи фæндагыл. Катя, Анатоли, Таня æмæ Маринæ цæрынц Ирыстоны, Роберт æмæ Вадим та - Тамбовы. Фæлæ сæ фыды хæдзары куы æрæмбырд вæййынц, уæд сæ мад Лизæйы цинæн кæрон нал вæййы. Ныййарæджы уарзæгой зæрдæ алкæуыл дæр феххæсы. Æппæты тынгдæр та йын æхсызгон вæййы йæ хъæбулы хъæбулты æмæ уыдоны цоты фенд. Æдæппæтæй та сты 35.
- Арон-ма мын удæгас куы уаид, уæд уый дæр цин кæнид йæ кæстæртыл, - зæгъы Лизæ.
Мæргъионы цардвæндаг лæгъзтæй нæ уыд, бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Фæлæ уæддæр йæ цардæй райгонд у. Хъуамæ адæймаг цыфæнды тыхæвзарæнты сæрты дæр ахиза, ссара йæ амонд.
Цæргæ-цæрæнбонты Мæргъион цы удвæллой фæкодта, уымæн колхозы разамынд, районы æмæ республикæйы хицауад хорз аргъ скодтой. Ис æм социалистон ерысы уæлахиздзауы цалдæр нысаны, арфæйы гæххæттытæ, грамотæтæ. Хæссы Хъайтар ныййарæджы ном, у фæллойы ветеран.
1 июлы Лизæ бæрæг кæндзæн йæ 85-азон юбилей. Йæ алыварс та æрæмбырд уыдзысты йæ бирæ хъæбултæ æмæ байзæддæгтæ. Кæндзысты йын арфæтæ, цæмæй 100 азы сæрты ахиза дзæбæх æмæ æнæнизæй.
Лизæ, æрцæуæнт дыл дæ кæстæрты арфæтæ, æмæ у Хуыцауы хорзæхтæй хайджын!
КОРТИАТЫ Æхсарбег.
Къамы: Лизæ йæ чызг Маринæ æмæ хъæбулы хъæбул Ибрагимимæ